Сергей  Лавров хъусын кæны, цæмæй  АИШ, Франц æмæ  Уæрæсе  Уæлхох Карабахы тыххæй  иумæйаг  фидиуæн цæттæ кæнынц
Сергей Лавров хъусын кæны, цæмæй АИШ, Франц æмæ Уæрæсе Уæлхох Карабахы тыххæй иумæйаг фидиуæн цæттæ кæнынц

АИШ, Франц  æмæ Уæрæсе, Уæлхох Карабахмæ гæсгæ,  иумæйаг  фидиуæн  цæттæ  кæнынц –   уый фæдыл  Уæрæсейы   фæсарæн хъуыддæгты министр  Сергей Лавров  райхъусын кодта.

«Ныр цæттæ кæнæм   æртæ бæстæйы  фæсарæн хъуыддæгты  министрты  фидиуæн,  фæлæ   цæй зæгъын æй хъæуы, æнæмæнгхъæугæ у, æнææрмæст  фидиуæнтыл хъуыды, фæлæ  конкртон къахдзæфтæ дæр, кæцыты  райсын   ис  гæнæн тугкалд фæуромынæн  æмæ  уавæры  бадзырдты донвæдмæ  æрыздахынæн» –  банысан кодта Лавров.

Йæ ныхæстæм æгсгæ,   Уæрæсе, Соымихыстон æмæ Азербайджанимæ  контактыл ис.  Афтæма,  тæрхон кæны   Уæлхох Карабахы  фарстайыл  æндæр паддзахадтимæ, сæрмгаондæй та, Туркимæ  æмæ Иранимæ.