Сергей Лавров - Гуырдзыстоны президенты иуæй-иу фидиуæнтæ, агрессивон сты, фæлæ Уæрæсе Гуырдзыстонимæ ахастытæ номализацийæ интересджын у
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры, Сергей Лавровы фидиуæнмæ гæсгæйæ, Уæрæсе зæгъгæ цæттæ у Гуырдзыстоны хицауады конструктивон æнхъарæнтæ æркæсынмæ. Фæнысангонд фидиуæн Сергей Лавров сарызта видео-пресс-конференцийыл, Димитри Лорткипанидзейы фарсты дзуаппæн, кæцы хайад иста видео-пресс-конференцийы. Димитри Лорткипанидзейы бавдыста модератор, куыд Примаковы номыл гуырдзиаг-уырыссаг æхсæнадон центры директоры, афтæ. Лорткипанидзе, Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры бафарста гуырдзиаг-уырыссаг ахастыты нормализацийы æвæццæгæнады фæдыл.
Фарсты контексты Сергей Лавров Гуырдзыстонæй уæрæсейаг базæты раконды рæстæджы цы бадзырдмæ æрцыдысты, уый кой ракодта.
«Путин æмæ Саакашвили, Гуырдзыстонæй Уæрæсейы базæты ракæныны фæдыл бадзырды иуæй-иу раундыл, æрныхас кодтой, цæмæй хъуамæ сарызтаиккой Уæрæсе-Гуырдзыстоны иумæйаг анти-террористон центр, кæцы регионы кæнæ уыцы ранмæ хæстæг хъуамæ байгом уыдаит, кæцы ран дислоциргонд уыдаит уырыссаг базæтæ. Уым хъуамæ куыстиккой 30 уырыссаг æмæ 200 гуырдзиаг специалисты. Афтæмæй фæзындаит хицæнхуыз символ, ома Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейæн сæ иумæйаг знаг у терроризм, фæнысан кæнын хъæуы, цæмæй йеуæд Панкисы комы уавæр уыд æнæстабилон. Уый тыххæй дæр центр куыстаит раст ацы фарстыл, фæлæ стæй гуырдзиаг фарс бадзырды ацы пункт реализацийыл не сразы ис. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, йеуæд фылдæр цыт куы равдыстаиккой ацы бадзырды рдæм, уæд гæнæн ис фæзындтæ сценарийы айтынг фæивын. Уый уыдаит жест, кæцы ахæм сенситивон сферæйы æууæнкы æмæ æмкуысткæнынады иттæг хорз бындурæй суыдаит. Афтæмæй Уæрæсе цæттæ уыдзæн, гуырдзиаг сыхæгты конструктивон къадзæфтæн размæ рацæуын æмæ Уæрæсе фæнысангондæй интересы бацæуæг у», – фехъусын кодта Сергей Лавров.
Уый ма афтæдæр фæныхас кодта Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн дипломативон ахастытæ сног кæныны æвæццæгæнадыл.
Лавровы дзырдæй, зæгъгæ ацы бастдзинад аскъуыныны инициатор Уæрæсе нæ уыд.
«Ныр Швейцарийы минæварады архайы Уæрæсейы интересты секци æмæ Мæскуыйы та Гуырдзыстоны интересты секци, минæвæрттæ нæм нæй. Кусынц секциты къухдариуæггæнджытæ. Афтæмæй нæм ис бастдзинад ма фесафыны фадат. Фæлæ зæгъгæ уыдаит æххæстаргъджын минæварад, уæд экономикон, базарадон æмæ культурон фарстатæ аскуыддзаг кæнын бирæ оперативонæй æмæ эффективонæй уыдаит гæнæн», – райхъусын кодта Лавров.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæйæ, зæгъгæ кæд Гуырдзыстон банхъардзæнис базарадон минæварады байгом кæнын, уæд Мæскуы ацы фарст æркæсынмæ цæттæ у.
Сергей Лавров ма афтæдæр загъта, цæмæй йæм зæгъгæ ныфс ис, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстон, авиа-змæллды сног кæныны фарст æввхас фидæны кæй аскуыддзаг кæндзысты уый.
«Уæрæсе Гуырдзыстонæн, асæй æртыккаг базарадон партнер у. Гуырдзыстон Газпромæй исы газ, уый æппæт бæрæг факттæ сты. Хъыгагæн, нырмæ нæй авиа-змæлд. Ныфс мæ ис, цæмæй æввахс фидæны ацы проблема алыг уыдзæн. Махæн сегасдæр нысаниуæгджын уый у, цæмæй Гуырдзыстоны ма уа русофобион кампани»,- загъта Сергей Лавров.
Уæрæсейы фсарæн хъуыддæгты министр афтæдæр фæныхас кодта Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы Уæрæсейы тыххæй арызт фидиуæнты фæдыл.
Лавров дзуры, зæгъгæ «Гуырдзыстоны президенты иуæй-иу фидиуæнтæ агрессивон сты». Уый ма афтæдæр бафтыдта, цæмæй фæнысангонд зæгъгæ «Æхсæнады раст ахаст æрфидар кæнынæн» ахъаззаг нæу.