Сергей Лавров  хъусын кæны, цæмæй Уæрæсе  адарддæр кæндзæн уыцы  паддзахадты  зылды уæрæхдæр кæнын, кæцытæ  Абхаз банымадтой
Сергей Лавров хъусын кæны, цæмæй Уæрæсе адарддæр кæндзæн уыцы паддзахадты зылды уæрæхдæр кæнын, кæцытæ Абхаз банымадтой

Уæрæсейы  фæсарæн  Хъуыддæгты министр Сергей Лавров Сочæйы, Абхазы сепаратистон  режимы минæвæрттимæ фембæлдис.

Абхазы  де-факто  президентимæ, Аслан Бжаниаимæ  æмæ а.х.  фæсарæн хъуыддæгты министр, Инал  Ардзинбаимæ  фембæлды  райдайæны  Лавров   раарфæ кодта  Абхазæн  Украинайы   цæугæ  «Специалон  æфсæддон   операцийы хайадисæг  хæцджытæн регулярон  гуманитарон æххуысы тыххæй». Лавров ныфс равдыста, цæмæй  ацы æххуыс йæ къух сараздзæн а.х. специалон  æфсæддон операцийы нысæнттæм баххæссыны.

Хуырыссаг  дипломат  ма афтæдæр райхъусын кодта  цæмй  Уæрæсейы адарддæр кæндзæн уыцы  паддзахадты зылд  уæрæхдæр кæнын, кæцытæ  Абхаз банымадтой.

Абон Сергей Лавровæн афтæдæр плангонд у фембæлд а.х. Хуссар Ирыстоны  режимы  лидертимæ.