Сентябры бæстæмæ æрцæугæ æхцайæ æрвитæггæгтæ 28,7 процентæй райрæзтысты
Националон банкы нформацийæ, 2020 азы сентябры бæстæмæ æхца æрвитæггæгты къадайы бæрцуат 192,7 млн АИШ доллар (611.4 млн лари) уыд, кæцы 28,7 процентæй, кæнæ та 43,0 млн АИШ долларæй фылдæр у 2019 азы сентябры бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ.
Централон банкы хъусинагæй, фæсарæнтæй Гуырдзыстонмæ æхца æрвитæггæгты 94,7 процент уыцы 19 стыр бæстæмæ хауынц, кæцæй дæр ахæм æрвитæггæгты бæрцуат сентябры 1 млн АИШ долларæй фылдæр уыд. Афтæ ма уыцы 19 бæстæйæ уыд ивгъуыд азы сентябры æппæт æхцайæ æрвитæггагы 94,6 процент.
Æрвитæггæгты бæрцæй лидер у Уæрæсе. Сеппæтæй фылдæр æрвитæггаг – 35,13 млн АИШ доллар, цæугæ азы сентябры растдæр Уæрæсейæ цыдис. Дыккаг бынатыл 29,21 млн АИШдолларæй у Итали, Стæй АИШ-æ – 22,65 млн долларæй, цыппæрæм бынатыл 21, 45 млн АИШ долларимæ у Греци, фæндзæм та Израил – 13, 98 млн АИШ долларæй.
Уыйимæ иумæ ма Евробанкы информацийæ, 2020 азы сентябры Гуырдзыстонæй фæсарæнтæм 25,1 млн АИШ доллар (79,5 млн лари) æрцыд æрвыст, кæцы ивгъуыд 2019 азы сентябры бæрæггæнæнтæй 22,4 процентæй фылдæр у.