Save The Children-ы – бæрæггæнæнтæй, дыууæ милуан украинаг лигъдæтты нымæцы 800 мин сты сывæллæттæ
Save The Children-ы – бæрæггæнæнтæй, дыууæ милуан украинаг лигъдæтты нымæцы 800 мин сты сывæллæттæ

Организаци «Save The Children»-ы бæрæггæнæнтæй, Украинамæ  Уæрæсейы  интервенцийы  фыццаг бонæй  абоны  онг   бæстæйæ  цыд 2 милуан украинаг лигъдоны нымæцы, 800 000 сты  сывæллæттæ. Сывæллæтты хъахъхъæнæг  агентады  хъусинагæй,   æнахъомтæй бирæ Украинайы  арæны  онг фæндаг  иунæгæй рацæуынц, афтæ æмæ семæ  хистæр ничи ис.

«Ныйарджытæ сæ  хъæбулты  бахизынæн, сегасдæр удуæлдай  мадзæлттæ райсынц. Уый нымацы æрвитынц  сæ хъæбулты сыхæгтимæ æмæ хæлæрттимæ иумæ, цæмæй æдас ран, Украинайы  фæсарæнты  æрцæрой, сæхæдæг та баззайынц хæдзæртты», – хъусын кæны  организацийы  минæвар Ирина Сагоян.

Украинаг  лигъдæтты æрдæгæй фылдæр ахызтысты Польшæмæ.