Каха Каладзе – 30  украинаг сывæллонæн  Тбилисы   93-æм  рæвдауæндоны сырæздзæни ноджы иу сабион тыгъдад
Каха Каладзе – 30 украинаг сывæллонæн Тбилисы 93-æм рæвдауæндоны сырæздзæни ноджы иу сабион тыгъдад

Тбилисы мэриа  сæйраг горæты цæрæг украинаг  сывæллæттæн  ноджы иу  гуманитарон   проектæн сиды  фарсхæцын – уый фæдыл сæйраго горæты хицауады рабадтыл  райхъусын кодта Тбилисы  мэр Каха Каладзе.

Каха  Каладзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   Тбилисы рæвдауæндæтты  агентады æм сывæллæтты   фарстатыл  кусæг   æхсæнадæмон  организаци  «save the children»-ы  æмгуыстадæй  скъолаагъоммæ  кары 30 украинаг сывæллонæн  Тбилисы  93-æм  рæвдауæндоны  ноджы иу  сабион   тыгъдад сараздзысты.

«Ацы программæйы фарсхæцæг стæм, бирæ  дзæбæх проект сыххæст ис  æмæ ацы æрдгæй   дарддæр кæнæм  кусын. Проекты  ахуыргæнæндон  æрдæмадæн  æххæстæй къухдариуæг   кæндзæн   организаци «save the children»,  кæцы  æрхондзæн украинаг   педагогты, психологты æмæ  спецпедагогты æмæ баххуырсдзæн техникон   персоналы,  бакусдзæнис ахуыргæнæн план  æмæ а.д.  Рæвдауæндæтты агентад  срæвдз кæндзæн   ахуыргæнæндон тыгъдад,коммуналон  хардзты бафыст  æмæ сывæллæтты  цыппархаттон   хæлцад Гуырдзыстоны закъондæттынадæй  бæрæг  стандарттæм æмбæлгæйæ.  Тынг  нысаниуæгджын программæ  у æмæ  адарддæр кæндзыстæм  уымæн æххуыс кæнын. Ноджы иу  хатт мæ фæнды  Украина æмæ укринаг  адæмæн  сабырдзинады фæндтæ  зæгъын кæцы иттæг нысаниуæгджын у» –   райхъусын кодта Каха Каладзе.