Имерет фысым кæны Украинайы хæстон архæйдтытæй зианбавзарæг бинонтæй Гуырдзыстоны  уазæгуат уæвæг  сывæллæттæн æмæ сæ ныйарджытæн
Имерет фысым кæны Украинайы хæстон архæйдтытæй зианбавзарæг бинонтæй Гуырдзыстоны уазæгуат уæвæг сывæллæттæн æмæ сæ ныйарджытæн

Имерет  фысым кæны, Украинайы хæстон архæйдтытæй зианбавзарæг бинонтæй Гуырдзыстоны  уазæгуат уæвæг  сывæллæттæн  сæ ныйарджытимæ иумæ.   Информаци уый тыххæй,   зылды администраци  хъусын кæны.

Администрацийы хъусинагæй,   Имереты  паддзахадон  æвджидон  Звиад Шаламберидзе  уазджытæн сæ размæ рацыд  æмæ сæ регионы  машстабæй  плангонд туры  фæдыл   информациимæ æрзонгæ кодта.

«30-æй  фылдæр  украинаг  хæстæй зианбаййафæг   уазæг  Имереты  историон, культурон æмæ  этнографион  хицæндзинæдтимæ базонгæ  уыдзысты.  Туры фæлгæтты фæуазæг уыдзысты  Моцъаметайы (Хъизæмаргæнджыты)  æмæ Гелаты моладзандæттæ,  Прометейы лæгæт æмæ сывæллæттæн   уагъд уыдзæн  имеретаг  хæринæгтæ аразыны мастеркласс.

Гуырдзыстоны парламенты диаспорæйы æмæ Кавказы фарстаты комитеты, афтæма горæт  Одессæйы  генералон консулы Торникэ Берекашвилийы  инициативæйæ, Гуырдзыстон 30-æй фылдæр  украинаг,  хæстæй зианбавзарæг  уазæгæн фысым кæны.  Сывæллæттæ æмæ сæ ныйарджытæ  сты Ирапены, Бучайы, Херсоны, хуссар Одессæйы зылды цæрджытæ. Дæс боны дæргъы сывæллæттæ  æмæ сæ  хъомылгæнджытæ, Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр  ранмæ фæуазæг уыдзысты», – дзырдæуы  ахæлиугонд  информацийы.