Андрей Касьянов – Бузныг гуырдзиаг фарсæн  украинаг лигъдæттæн  фысымдзинады тыххæй
Андрей Касьянов – Бузныг гуырдзиаг фарсæн украинаг лигъдæттæн фысымдзинады тыххæй

Гуырдзыстоны Украинайы  хъуыддæгты  рæстæгмæ æвджид лæг Андрей Касьянов   лигъдæтты Дунеон бон банысан кæнынæн  Тбилисы   ботаникон паркы  рацыд Солидарондзинады Маршмæ.

«Махæн ацы  бон баууон ис  цæугæ  Уырыссаг агрессийæ  Украинайы ныхмæ.  Хъыгагæн, ацы  æбуалгъ хæсты тыххæй, бирæ  украинаг  ссис  хиæмбæхсæн агурæгæй. Кæй зæгъын æй хъæуы,    зæрдæрухс стæм  гуырдзиаг фарсæй,   Гуырдзыстоны  муниципалитеттæй, украинаг  лигъдæттæн фысымдзинады  тыххæй, кæцы   дарддæр кæны æмæ   уыдоны, алы  хъæугæ  дзаумайæ сифтонг кæныны  тыххæй, цæмæй сæхи афтæ  рахатой  куыд  сæ дыккаг хæдзары. Ацытæккæ  Гуырдзыстоны  28 минæй фылдæр украинаг  лигъдон ис», – райхъусын кодта Касьянов.