Саломэ Зурабишвили -  Абхазаг æвзаг æмæ культурæйы бавæрын-стынг кæнын  нæ иумæйаг ивгъуыды, идентондзинады раз хæс у Гуырдзыстоны культурæйы уникалондзинад æвзагæй бирæгъуызондзинадыл лæууы
Саломэ Зурабишвили - Абхазаг æвзаг æмæ культурæйы бавæрын-стынг кæнын нæ иумæйаг ивгъуыды, идентондзинады раз хæс у Гуырдзыстоны культурæйы уникалондзинад æвзагæй бирæгъуызондзинадыл лæууы

Абхазаг æвзаджы  хъахъъхæд  у  иуæй-иу  уыцы  фарстæты  æхсæн, кæцытæм нæ бон у  иумæ дарæм нæ хъус  оккупацион хаххмæ  æнæкæсгæ, уымæн æмæ ай у  иумæйаг  æмæ  фидæнон интерес, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурабишвили  райхъусын кодта абхазаг  æвзаджы бонмæ гæсгæ  ахæлиугонд   видео-сидты.

«Куыд Гуырдзыстоны президент æмæ йæ конституцийы гарант афтæ  хæсджын дæн  абхазаг æвзаг хъахъхъæнын.  Уый мæнæн у  егъау  æмæ  иурæстæгонæй   иттæг уæззау   бæрн.  Уæлдайдæр, абхазаг æвзаг Юнеско фæтаруыны  тасы раз лæууæг æвзæгты  номхыгъдмæ куы  бахаста,  уæд. Мæ президентæй  сывзарыны бонæй, æнкъарын  ацы бæрн  æмæ мæ алы ралæуды,  уый гæнæн кæм вæйййы, архайын ацы  фарста бахахх кæнын. Президенты администрацийы хъусдард æвдыст цæуы  æндæр æмæ æндæр формæйæ, дæнцæн, Гуырдзыстоны   конституцийы  ног редакцийы, гуырдзиаг-абхазаг  верси рауадзынæй», – хъусын кæны  Саломэ Зурабишвили.

Афтæма йæ  ныхæстæм æгсгæ,   зæгъгæ Орбелианиты  галуаны  иуæй-иу зал, кæцыйы дæр йæ  басидт ныффыстæуыд, хæссы  Амрайы ном.

«Мæхи æмæ мах  бæрн æрмæст абхазаг адæмы раз нæ  фæлæ, ма  абхазаг  æвзаджы  æмæ культурæйы бавæрын æмæ  рапарахат кæнын, нæ иумæйаг ивгъуыды, културæйы, идентондзинады раз хæс у, уымæн æмæ Гуырдзыстоны культурæйы уникалондзинад  æмæ бонджындзинад, растдæр  нæ иумæйаг бирæгъуызондзинадыл лæууы.  Уый ферох кæнын мæнæн уыдзæн  мæхи ферох кæныны æмаргъ æмæ  уый гæнæн нæй.  Ацы рæстæджы  абхазаг æвзаджы хъахъъхæд у  иуæй-иу  уыцы  фарстæты æхсæн, кæцытыл нæ бон у, иумæйагæй  сагъæс кæнæм  оккупацийы  хаххмæ æнæкæсгæ, уымæй  та  бæрæг у, цæмæй  хъуамæ  аудын кой кæнæм абхазаг интернет-тыгъдады  рапарахат кæнын æмæ стынг кæныныл, уымæн  æмæ  нырыккон зонадæн у  иттæг æнæмæнгхъæугæ.  Уырны мæ,  цæмæй  быцæусидты раз  лæууæг нæ  æхсæнад  бафæраздзæн  иумæйаг нысаны алыварс  баиу кæнын. Иумæ  фæтых уыдзæн  зындзинæдтыл  æмæ афтæмæй  сæвзæрын кæндзыстæм  фидыды æмæ иумæйаг   фидæны  райдайæн», – банысан кодта Саломэ Зурабишвили  видео-сидты.