Руставелийы проспектыл, парламенты цур цæугæ акцийы организатортæ фидиуæн аразынц
Руставелийы проспектыл, парламенты цур цæугæ акцийы организатортæ фидиуæн аразынц. Уыдон сидынц фарсхæцджытæм, абон 19:00 сахатыл Руставелийы проспектыл æрымбырд уой сæ акцитæн æмбæлон симоволикæйæ, Гуырдызстоны, евроцæдисы æмæ НАТО-ы тырысатимæ.
«Мах Гуырдзыстоны сабырадон æмбæстæгты кæцыты иу кæны уырнынад, цæмæй адæймаджы сæрибардзинад æмæ æмсæрад паддзахады арæзтады бындур сты, разы стæм, цæмæй Уæрæсе у нæ бæстæйы историон знаг æмæ оккупант, йæ фарс хæцæм бæстæйы евро-атлантикон фидæнæн. Нымайæм, цæмæй абон, куыд Гуырдзыстоны историйы æнæиу хатт, Руставелийы, парламенты раз скъуыддзаг кæны кæмæ хауы ацы бæстæ, махмæ, сæрибар адæймаæгтæм, æви Уæрæсейы æххуысæй уæвæг тыхтæм, кæцытыл къух æмбæрзы абоны хицауад.
Абон скъуыддзаг кæны, бахъом уыдзысты æви нæ проуырыссаг тыхтæ æмæ Уæрæсейы хицауады дæлбар уæвæг къордтæ саразой иллюзи, цæмæй ацы бæстæ уыдоны сæрмагонд у; абон парламенты раз бынæттон Гавриловтæ архайынц сæрибар тыгъдады символонæй сæхи бакæнын;
Сидæм сæрибар адæймæгтæм, абон 19:00 сахатыл рацæуæт Руставелийы проспектмæ, сабырæй, нæ акцитæн ахуыр символикæйæ, Гуырдзыстоны, евроцæдисы æмæ НАТО-йы тырысатимæ»,- банысангонд у фидиуæны.
Афтæма, организатортæ сидынц паддзахадмæ, йæ зæрдыл бадара контракцийы хайадисджыты тыхмидзинадмæ сидтытæ, сæххæст кæна йæ хæслæвæрд æмæ сифтонг кæна æмбырд-манифестацийы хайадисджыты æдасдзинад æмæ ацы барæй æххæстæй пайда кæнын.