Протестон акци Руставелийы проспектыл фæцис. Метростанцæ «Руставелийы» цур территорийыл пъæлицæй акцийы цалдæр хайадисæгы æрцахста.
Барадхъахъхъæнджытæ фæндаджы цæуæн хай ссæрибар кодтой. Автомобилон змæлд хайгай сног ис. Парламенты цур территори сыгъдæг кæнынц. Закъондæттæг органы цур территорийыл сты патрулон пъæлицæйцы экипажтæ.
Бакой уын кæндзыстæм цалдæр сахаты размæ Руставелийы проспектыл спецназ райдыдта акцигæнджыты ссæндын. Специалон бал Кашуеты аргъуаны цур митинггæнджыты арызт барьертæ атыдта æмæ акцийы хайадисджыты ныхмæ доны сыг ноджы иу хатт ауагъдта. Фысымуат «Тбилиси Мэриоты» цур, протесты хайадисджытæ æндæр æмæ æндæр дзаумайæ сарызтой баррикадæ. Митинггæнджытæ афтæдæр басыгъдтой зæдтулгæ.
Уыимæ акцийы хайадисджытæ Меликишвилийы проспектмæ ахызтысты. Сарызтой ноджы иу баррикадæ. Уый фæстæ акцийы хайадисджыты иу хай, фæстæмæ Руставелийы проспектыл цыд райдыдтой. Уыдонæн метростанцæ «Руставелиийы» цур пъæлицæйæгтæ рацыдысты сæ размæ æмæ акцийы цалдæр хайадисæгы æрцахстой.