Руставелийы проспекты æмæ Мтацъминдайы  Паркы  иугæнæг  рæтæн  фæндагы  арæзтад азы 2023  кæрон фæуыдзæн
Руставелийы проспекты æмæ Мтацъминдайы Паркы иугæнæг рæтæн фæндагы арæзтад азы 2023 кæрон фæуыдзæн

Руставелийы  проспекты æмæ Мтацъминдайы  Паркы  иугæнæг  рæтæн  фæндагы  арæзтад  цæугæ  азы  кæрон фæуыдзæн, –  уый фæдыл  Тбилисы  мэр, Каха Каладзе  сæйраг горæты  хицауады рабадтыл райхъусын кодта.

Йæ дзырдæй,  зæгъгæ рæтæн фæндаджы фæрцы  дистанци бамбæрзын гæнæн бауыдзæн  цыппар минутмæ  æмæ сахаты  1100-ы онг  бæлццонæн  балæггад кæндзæн.

«Фæнысангонд проекты сыххæст 2021  азы  райдыдтам. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый уыдзæн   визитон картæйæ  нæ  горæтæн,  фæнысангонд проект куы фæуыдзæн,   уæд.  Мтацъминдайы кулыл куы зæгъæм уæд,  уым цæуынц   ног станцæйы  арæзтады  куыстытæ.  Бæрæг зындзинæдтæ уыд  фæнысангонд   проекты фæдыл –  территорийæ  нæ бахъуыд   цалдæр бинонтæ  сыстын кæнын æмæ сæ æндæр ран æрцæрын кæнын, цæмæй  куыстытæ  æдасæй сыххæст уыдаиккой  æмæ  эксплуатацийы   райсты фæстæ  мацы  тас уыдаит. Мтацъминдайы  паркæй Руставелийы  проспекты  æрдæм  æрцæуын  æмæ  паркмæ ссæуын    гæнæн уыдзæн   цыппар  минутмæ.  Рæтæн  фæндаг  сахаты мидæг 1100 адæймагæн  балæггад кæндзæн, кæцы иттæг нысаниуæгджын  у. Куыстытæ  2023  азы кæрон фæуыдзысты», – райхъусын кодта Каха Каладзе.

Руставелийы  проспекты æмæ Мтацъминдайы  паркы  иугæнæг  рæтæн фæндагыл  21  гондолæ  змæлдзæн. Фæндаг бамбæрзыны астæуккаг тагъдад – 4:07 минут,  дæргъæн та  845, 55  метр уыдзæн.