Росариа Пуглис – Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнг, уый тыххæй та бæстæйæн ис алы практикон механизм
Гуырдзыстоны парламенты хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитетты рабадтыл, НАТО-Гуырдзыстоны партнерады фæдыл цæуы комитетон байхъуыст.
Комитеты уæнгтæм дзырдæй басидтис Гуырдзыстоны НАТО-ы æмцæдисонон офисы къухдариуæггæнæг Росариа Пуглис.
«Гуырдзыстон у НАТО-йы иуæй-иу сеппæтæй хæстæг партнер. Тынг фидар политикон æмæ практикон æмгуыстад нын ис. Гуырдзыстон уыд æмæ ныр дæр у иуæй-иу ставддæр хайадисæг НАТО-йы мисситы Афгъанистаны. Мах бæрзонд аргъ кæнæм уый æппæтæн цыдæриддæр Гуырдзыстон ацы азты дæргъы снывонд кодта.
Æнкъарæм прогресс консолидацидзинады фæндагыл, уый у уæнгдзинадмæ къахдзæф. Цæрджыты 69 процент хъусын кæнынц, цæмæй сæ фæнды Гуырдзыстон суа альянсы уæнг. Уый цъус нæу, фæлæ уый тыххæй, цæмæй нæ бауырна ацы разыдзинад уыдзæнис дæргъвæтин æмæ æнæфæцудгæ, уæд хъуамæ балвырд базонæм, цæмæй адæймæгтæ дзæбæх информиргонд сты.
Уый тыххæй дæр ахсджиаг у, зоной цы арызт цæуы ацы ахастыты цæстæнгасæй, алы къахдзæфмæ гæсгæ. Бæлвырд информаци зонын кæнын у нысаниуæгджын алы демокративон бæстæйы, фæлæ æнкъарын, цæмæй уый бирæ нысаниуæгджындæр у ахæм бæстæйы куыд Гуырдзыстон. Бæстæ, кæцы у цæгаттаг сыхагы æрдгæй гибридон хæсты, иудадзыг дезинформацийы быцæусидты раз, адæймæгтæ хъуамæ æмбарой, цы уавæр ис æмæ цы аразæм», – райхъусын кодта Росариа Пуглис.