Ромы Пап - Сауджынты æмæ епископты æрдгæй моладзантыл сексуалон тыхми дарддæр кæны
Сауджынты æмæ епископты æрдгæй моладзантыл сексуалон тыхми дарддæр кæны. Уый фæдыл райхъусын кодта Ромы Пап. Франциск-I –ы дзырдæй, аргъуанархайæг уæнгты æрдгæй, иу цауы сфиксир ис сексуалон цагъарад дæр.
Понтификъы фидиуæнæй, католикон аргъуан проблемæйы аскуыддзаг кæнын архайы, фæлæ ахæм цаутæ кæронмæ хафт не сты, цæй тыххæй дæр цалдæр сауджыны сæ бынæттæй систа.
«Пап Бенедикт ныфсхастдзинад равдыста æмæ ныссæст сылгоймæгты конгрегаци, уымæн æмæ уым сылгоймæгтæ цагъары уыдысты. Сæ нымæцы уыдис сексуалон цагъарад дæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ тыхмидзинад дарддæр кæны» – банысан кодта Ромы Пап.