Ромы Пап -  Цыппурс  нын   амоны,  Хуыцау  алы  адæймагы æмхуызонæй  кæй  уарзы уый,  сеппæтæй  æвзæрдæрты дæр
Ромы Пап - Цыппурс нын амоны, Хуыцау алы адæймагы æмхуызонæй кæй уарзы уый, сеппæтæй æвзæрдæрты дæр

Ромы Пап Цыппурсы  бæрæгбойнон месæ   Ватиканы   сæххæст кодта.   Католикон аргъуаны  разамонæг  Хуыцаумæскуывд  традиционæй   Сыгъдæн Петры  базиликæйы  ауагъдта.

Пап  Франциск  йæ  ныхасы  хъусдард   конфликттæй,   стихион æнамонддзиндæтæй  æмæ   гуманитарон  катастрофæты  фæстиуæгæн зианбавзарæг регионты æрдæм   раздæхта  æмæ   планетæйы  ацы   хайы  цæрæг   адæймæгтæн  солидарондзинад разагъдта.

Понтифик  афтæдæр райхъусын кодта, цæмæй    зæгъгæ -»Хуыцау алы  адæймагы  æмхуызонæй   уарзы, уыдоны дæр   сеппæтæй  фылдæр чи  знаггад кæны».

Ромы  Папы  цыппурсон мессæмæ  мингай католик  рбацыд,  милуангай  адæймаг та  телеуынынадтæй  æмæ интернеты   кастысты.  Абон  сихорафон  Понтифик   Сыгъдæг Петры  аргъуаны,   традицион цыппурсон   баздæхт бафæрсдзæн  æмæ  католик  чырыстæттæн   Цыппурс  æндæр æмæ æндæр æвзæгтыл раарфæ кæндзæн.