Ног Азы æмæ  Цыппурсы æхсæв Тбилисы æхсæнадон транспорты  змæлд  адарддæр уыдзæн
Ног Азы æмæ Цыппурсы æхсæв Тбилисы æхсæнадон транспорты змæлд адарддæр уыдзæн

Ног Азы æхсæв æхсæнадон транспорт  уæлвæтк ржимæй кусдзæн.

Метрополитен, афтæма автобустæ æмæ Рихъе-Нарихъалайы   рæтæн фæндаг, бæлццæттæн   лггад кæндзысты   03:00 сахаты онг.

Метрополитены куыст 31 декабры  00:00 сахатæй адарддæр уыдзæн  фыййаг январы 03:00  сахатмæ; автобустæй  бæлццæттæн  лæггад  адарддæр уыдзæн  31 декабры 23:00  сахатæй  2024 азы  фыццаг январы  03:00 сахатмæ; Рихъе-Нарихъалайы   рæтæн фæндаг 31 декабры 22:00  сахатæй   2024 азы фыццаг январы 03:00 сахаты онг кусдзæн.

Цыппурсы  æхсæв та, метрополитенæй  бæлццæттæн лæггад   6 январы 00:00 сахатæй адарддæр уыдзæн 7 январы  03:00  сахатмæ  æмæ  балц кæнын уыдзæн   æнæфидгæ.