Джо Байден  рæстдинон  чырыстæттæн  Цыппурс раарфæ кодта
Джо Байден рæстдинон чырыстæттæн Цыппурс раарфæ кодта

Америкæйы Иугонд Штатты  президент Джо Байден, рæстдинонтæн  Цыппурс  раарфæ кодта.  Уый фæдыл  Байден  социалон хызаг  «Твиттеры» фыссы.

«Ме бинойнагимæ иумæ,  сабыр æмæ æхсызгон   Цыппурсы арфæтæ  уын æрвитæм   рæстдинон чырыстæттæн  æппæт дунейы.  Ацы  сыгъдæг бæрæгбоныл  банысан кæнæм   уырнындзинады тых, кæцыйæн йæ бон у  дуне  фæивын.  Иу кæнæм  нæ  рæстдинон  чырыстон  хотæм æмæ æфсымæртæм,  кувæм  Хуыцауы хæбултæн  алкæмæн ацы ног азы», – фыссы  Байден.