Протестгæнджытæ ног  азыл  Руставелийы проспектыл æмбæлынц
Протестгæнджытæ ног азыл Руставелийы проспектыл æмбæлынц

Протестгæнджытæ ног  2026 азыл  Руставелийы проспектыл æмбæлынц.

Протестгæнджытæ парламенты раз æрæмбырд сты Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны тырысатимæ æмæ ногазон декорацитимæ. Закъондæттæн оргæны раз æрæвæрдтой Ног азы фынг.

Парламенты æддейæ æнæрлæугæ протест афæдзæй фылдæр цæуы. Протестгæнджыты домæнтæ æнæивгæйæ баззадысты – хъуамæ æрсидтæуа ног парламентон æвзæрстытæ æмæ протестты рæстæджы ахстгондты ссæрибар кæной.