Ромы Пап дингæнджытæм Сыгъдæг Петры  Базиликæйы балконæй   традицион   Куадзæнон  эпистолæйимæ  раздæхт
Ромы Пап дингæнджытæм Сыгъдæг Петры Базиликæйы балконæй традицион Куадзæнон эпистолæйимæ раздæхт

Ромы Пап Франциск  дингæнджытæм  Сыгъдæг Петры  Базиликæйы балконæй   традицион   Куадзæнон  эпистолæйимæ  раздæхт.

«Urbi et Orbi» ( горæт æмæ дунемæ) динамынды Папæн йæ цæст бауарзта, украинаг æмæ уырыссаг   адæмæн сабырдзинад,  уацайрæгтæн  – сæ хæдзæрттæм æрыздæхт  æмæ   æхсæнадæмон   дзыллæмæ  Украинайы  хæст  кæрон скæнын фæдыл  арфæтæ.

«Баххуыс кæнут нæ  уарзон украинаг  адæмæн  сабырдзинадмæ фæндагыл  æмæ    Куадзæны рухсы  бапырх кæнут  уырыссаг адæмыл.  Банфысджын кæнут   цæфты æмæ  алкæй, чидæриддæр уарзон  адæймагы фесæфты  ацы  хæсты  тыххæй,   æмæ уацайрæгтæ та  сабырæй  æрыздæхой сæ бинонтæм», –  банысан кодта  Ромы Пап.

Франциск  фæныхас кодта Сирий æмæ Турчы  зæххæнкъуысты  амæттæгтыл æмæ солидарондзинад стынг  кæныны æнæмæнгхъæуындзинадыл. Афтæма  сабырад сфидарк æнынæн   Израил æмæ Палестинæгты æхсæн  диалогы сног кæнынмæ.  Уыимæ ма Ромы Пап  Африкæйы бæстæты социалон æмæ  экономикон    проблемæтыл  æмæ сæ  раз  уæвæг быцæусидтытыл фæныхас кодта.