Ромы Пап - Сауджынты æмæ епископты æрдгæй моладзантыл сексуалон тыхми дарддæр кæны
Ромы Пап - Сауджынты   æмæ  епископты æрдгæй моладзантыл сексуалон тыхми дарддæр кæны

Сауджынты   æмæ  епископты æрдгæй моладзантыл сексуалон тыхми дарддæр кæны.  Уый фæдыл  райхъусын кодта Ромы Пап.  Франциск-I –ы дзырдæй,  аргъуанархайæг уæнгты æрдгæй, иу  цауы сфиксир ис  сексуалон  цагъарад дæр.

Понтификъы  фидиуæнæй,   католикон  аргъуан  проблемæйы аскуыддзаг кæнын архайы,  фæлæ  ахæм цаутæ  кæронмæ хафт не сты, цæй  тыххæй дæр цалдæр  сауджыны сæ бынæттæй  систа.

«Пап Бенедикт  ныфсхастдзинад равдыста  æмæ  ныссæст сылгоймæгты конгрегаци, уымæн æмæ  уым  сылгоймæгтæ цагъары  уыдысты. Сæ нымæцы  уыдис  сексуалон цагъарад дæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ   тыхмидзинад дарддæр кæны» – банысан кодта Ромы Пап.