Ромы Пап лифты  ныффидар ис æмæ  хуыцаубойнон сидтмæ  байрæжды кодта
Ромы Пап лифты ныффидар ис æмæ хуыцаубойнон сидтмæ байрæжды кодта

Ромы Пап  лифты  ныффидар ис æмæ  хуыцаубойнон сидтмæ  байрæжды кодта. Уый фæдыл  информацийы   агентад  «Ройтер» хъусын кæны.

Ахæлиугонд хъусинагæй  Понтификъ  25 минуты  дæргъы уыдис лифты мидæг  æмæ уырдгæй  ракодтой  зынгвæдисонтæ.

Францискъ Сыгъдæг Петры  фæзыл  æрымбырдуæвджытæй хатыр ракуырдта æмæ  бамбарын кодта, цæмæй Ватиканы  электроэнергиимæ баст проблемæтæ уыд,цæй тыххæй дæр уый  æрдæг сахаты дæргъы лифты  мидæг уыд фидар.

Фрнацискъ  Сыгъдæг Петры фæзыл  æрымбырдуæвджытæм æрсидтис аплодисменттæй амбæлой  йæ  ирвæзынгæнæг  зынгвæдисонтыл.