Ромы Пап - Гуырдзыстоны католикон аргъуанимæ иумæ, кæддæриддæр кувдзынæн æнæниз куыд уат æмæ уæ цæрæнбон бирæ куыд уа уымæн
Ромы Пап Францискъ, Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагæн патриархæй суæвыны 40 азы сæр раарфæ кодта.
«Кадджын Илья Дыккагæн, Æппæт Гуырдызстоны Каталикос-Патриархæн, Мцхета-Мтианеты, Бичъвинта æмæ Цхум-Абхазийы митрополит. Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархæй интронизацийæ 40 азы юбилеймæ гæсгæ, тынг зæрдæрухс дæн, æфсымæрон уарзтæй мæ фæнды раарфæ уын кæнон. Абон, сымахимæ иумæ, уæ аргъуанимæ иумæ æмæ зынаргъ гуырдзиаг адæмимæ иумæ бæрæгбон кæнын æмæ бузныгы куывд кæнын Хуыцауæн, кæцы уæ йæ тыхæй схорзæхджын кодта сымах æмæ уе стыр хъуыддаг, кæцыйы 40 азы дæргъы æххæст кæнут.
Библимæ гæсгæйæ, 40 аз у уыцы рæстæг, кæцыйы дæргъы дæр æвзæрст нацийы Хуыцау æдзæрæг рæттыл ацæугæйæ, сыгъдæг бынатыл æрцæрын кæнынæн. Сымах дæр ацы 40 азы дæргъы, æдзæрæгран ацыдыстут æмæ раздзог кодтат уæ нацийæн, цалынмæ фæстæмæ не сног ис æмæ нæ ахæлиу ис Хуыцауы уырынындзинад æмæ Хуыцауæн кад уæ бирæтухи бавзарæг, Хуыцауы хайджын гуырдзиаг адæмæн.
Зынаргъ æфсымæр, мæ зæрдæйы æгас цырагъау дарын мысинæгтæ уæ бæстæйы удон, чырыстондзинады æмæ культурæйы фæдыл, кæцытимæ æрзонгæйы æмæ сын аргъ скæныны фадат фæзынд фарон уæм куы фæуазæг дæн уæд. Бузныг дзурын Хуыцауæн ацы фадаты тыххæй, æмæ уый тыххæй дæр цæмæй мын ратта уый фæрæз сымахимæ базонгæ уыдаин.
Сæрмагондæй та мæ фæнды бауырынын уын кæнон, цæмæй Гуырдзыстоны католикон аргъуанимæ иумæ, кæддæриддæр кувдзынæн сымахæн. Хуцаумæ кувын, цæмæй мын уæ зæрдæйы мæнæн дæр фæзына бынат æм æныфсджын дæн, цæмæй Светицховелийы Патриархион Аргъуанмæ рох кæмæн нæй уыцы визиты рæстæджы куыд загъдæуыд афтæ, куывд æмæ уарзондзинад нæ уый хъом бакæндзысты æмæ сæххæст кæнæм уый, кæцыйы Хуыцау йæ фæдонтæн раарфæ кодта апостолимæ ныхасы фæрцы, цæмæй алчидæр иууон уа. Ватикан, Пап Францискъ» – дзырдæуы Ромы Папы арфæйы фыстæджы.