Ромы Пап -  Гуырдзыстоны католикон аргъуанимæ иумæ,  кæддæриддæр кувдзынæн  æнæниз куыд уат æмæ уæ цæрæнбон бирæ куыд уа уымæн
Ромы Пап - Гуырдзыстоны католикон аргъуанимæ иумæ, кæддæриддæр кувдзынæн æнæниз куыд уат æмæ уæ цæрæнбон бирæ куыд уа уымæн

Ромы Пап Францискъ,   Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх Илья Дыккагæн  патриархæй суæвыны  40  азы  сæр раарфæ кодта.

«Кадджын  Илья Дыккагæн, Æппæт Гуырдызстоны Каталикос-Патриархæн,  Мцхета-Мтианеты,  Бичъвинта æмæ Цхум-Абхазийы митрополит. Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархæй интронизацийæ  40  азы  юбилеймæ гæсгæ,  тынг  зæрдæрухс дæн,  æфсымæрон уарзтæй   мæ  фæнды   раарфæ уын кæнон. Абон,  сымахимæ иумæ,  уæ аргъуанимæ иумæ  æмæ  зынаргъ  гуырдзиаг  адæмимæ  иумæ бæрæгбон кæнын  æмæ  бузныгы куывд кæнын Хуыцауæн, кæцы  уæ  йæ  тыхæй  схорзæхджын кодта  сымах  æмæ уе стыр хъуыддаг,  кæцыйы 40 азы дæргъы æххæст кæнут.

Библимæ гæсгæйæ, 40 аз у  уыцы рæстæг,   кæцыйы дæргъы дæр  æвзæрст  нацийы  Хуыцау  æдзæрæг рæттыл ацæугæйæ, сыгъдæг бынатыл æрцæрын кæнынæн.  Сымах дæр   ацы 40 азы дæргъы,  æдзæрæгран  ацыдыстут æмæ  раздзог кодтат   уæ нацийæн, цалынмæ  фæстæмæ  не сног ис   æмæ нæ ахæлиу ис   Хуыцауы уырынындзинад  æмæ Хуыцауæн кад  уæ  бирæтухи бавзарæг,  Хуыцауы  хайджын  гуырдзиаг адæмæн.

Зынаргъ æфсымæр,  мæ  зæрдæйы  æгас цырагъау  дарын  мысинæгтæ  уæ бæстæйы удон,   чырыстондзинады æмæ культурæйы фæдыл,  кæцытимæ æрзонгæйы  æмæ   сын аргъ скæныны  фадат  фæзынд  фарон уæм куы фæуазæг дæн  уæд.  Бузныг дзурын  Хуыцауæн ацы  фадаты тыххæй, æмæ уый тыххæй  дæр цæмæй  мын ратта  уый фæрæз  сымахимæ базонгæ уыдаин.

Сæрмагондæй   та мæ фæнды бауырынын  уын  кæнон, цæмæй Гуырдзыстоны католикон аргъуанимæ иумæ,    кæддæриддæр   кувдзынæн  сымахæн.   Хуцаумæ  кувын, цæмæй мын уæ  зæрдæйы мæнæн дæр  фæзына бынат æм æныфсджын дæн,  цæмæй Светицховелийы   Патриархион Аргъуанмæ рох кæмæн нæй уыцы  визиты  рæстæджы куыд  загъдæуыд афтæ,  куывд  æмæ   уарзондзинад нæ   уый  хъом бакæндзысты  æмæ  сæххæст кæнæм  уый, кæцыйы  Хуыцау  йæ фæдонтæн раарфæ кодта  апостолимæ ныхасы фæрцы, цæмæй алчидæр иууон уа.  Ватикан, Пап Францискъ» –  дзырдæуы  Ромы Папы арфæйы фыстæджы.