Ромы Пап - Цыппурс нын амоны, Хуыцау алы адæймагы æмхуызонæй кæй уарзы уый, сеппæтæй æвзæрдæрты дæр
Ромы Пап Цыппурсы бæрæгбойнон месæ Ватиканы сæххæст кодта. Католикон аргъуаны разамонæг Хуыцаумæскуывд традиционæй Сыгъдæн Петры базиликæйы ауагъдта.
Пап Франциск йæ ныхасы хъусдард конфликттæй, стихион æнамонддзиндæтæй æмæ гуманитарон катастрофæты фæстиуæгæн зианбавзарæг регионты æрдæм раздæхта æмæ планетæйы ацы хайы цæрæг адæймæгтæн солидарондзинад разагъдта.
Понтифик афтæдæр райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ -»Хуыцау алы адæймагы æмхуызонæй уарзы, уыдоны дæр сеппæтæй фылдæр чи знаггад кæны».
Ромы Папы цыппурсон мессæмæ мингай католик рбацыд, милуангай адæймаг та телеуынынадтæй æмæ интернеты кастысты. Абон сихорафон Понтифик Сыгъдæг Петры аргъуаны, традицион цыппурсон баздæхт бафæрсдзæн æмæ католик чырыстæттæн Цыппурс æндæр æмæ æндæр æвзæгтыл раарфæ кæндзæн.