«Ройтеры» информацийæ, Реджеб Тайип Эрдогъан, «С-400» балхæдæй хиуылфæхæцынмæ  сидтытæ,  суверенитет  хæлдæй схуыдта
«Ройтеры» информацийæ, Реджеб Тайип Эрдогъан, «С-400» балхæдæй хиуылфæхæцынмæ сидтытæ, суверенитет хæлдæй схуыдта

Турчы  президент хъусын кæны, цæмæй   Америкæйы  Иугонд Штатты  сидт, ома  Анкара йæхи баурома   Уырыссаг  «С-400»-ы  балхæдæй, рæстаг нæу  æмæ  у  суверенитетмæ  хъавд.  Информацийы хъусын кæны агентад «Ройтер».

Бакой  уын кæндзыстæм, АИШ-æм визиты рæстæджы  Америкæйы  президент, Реджеб Тайип Эрдогъанмæ æрсидтис,  йæхи фæурома  уырыссаг «С-400»-ы системæты  балхæдæй.

«С-400»   дардмæ  архайæг  уырыссаг  иуылног   системæ у, кæцы   авиацийы, базырджын æмæ баллистикъон   ракетæты, афтæдæр сурзæххон  объектты   скуынæг  кæнынæн  у.  Уырыссаг  зенитон-ракетон  системæ  400  километр   радиусыл  архайы  æмæ мысан скуынæг кæнын хъом  у   30 километр бæрзæндыл.  Турчы   уырыссаг   нырыккон   системæйы  балхæд, æхсæнадæмон  скандал  расайдта.  АИШ-æ  Туркмæ  æрсидтис,  нæзагъд ракæна  уырыссаг ракетон системæйыл.