Риши Сунак Стыр Британийы  парламентон æвзæрстыты æмбылдыл  басастис
Риши Сунак Стыр Британийы парламентон æвзæрстыты æмбылдыл басастис

Стыр Британийы  премьер-министр Риши Сунак   парламентон æвзæрстыты  састимæ  сразы ис.

«Ацы æвзæрстыты «Лейбористон Парти» фæуæлахиз ис», – банысан кодта   Сунак æмæ  бафтыдта, цæмæй  партийы лидер Ким Стармерсæн  уæлахиздзинады фæдыл раарфæ кодта.

«Абон хицаудзинад  организацигондæй æмæ  сабырæй  уыдзæн ивд.  Уый  у  Бритайнаг адæмы  хаст  уынаффæ,  цæмæй   райхъал уæм.   Бирæ цыдæр хъуамæ  сахуыр кæнæм  æмæ  бирæ цæуылдæр хъуамæ ахъуыды  кæнæм. Мæхимæ исын бæрн  ацы  сæфттыл», – райхъусын кодта Сунак.

Эгзитполтæм гæсгæйæ,  «Консерваторты» 14  азон хицаудзинады фæстæ  æмгъуыдагъоммæ  æвзæрстыты   фæуæлахиз ис  «Лейбористон» парти.   Лордты палатæйы  650-лæгджын   сконды  лейбористтæ  410 бынат бацахсдзысты. Бæстæйы  премьер-министрæй  та  сæ лидер Ким Страмер  суыдзæн.