Риши Сунак Стыр Британийы парламентон æвзæрстыты æмбылдыл басастис
Стыр Британийы премьер-министр Риши Сунак парламентон æвзæрстыты састимæ сразы ис.
«Ацы æвзæрстыты «Лейбористон Парти» фæуæлахиз ис», – банысан кодта Сунак æмæ бафтыдта, цæмæй партийы лидер Ким Стармерсæн уæлахиздзинады фæдыл раарфæ кодта.
«Абон хицаудзинад организацигондæй æмæ сабырæй уыдзæн ивд. Уый у Бритайнаг адæмы хаст уынаффæ, цæмæй райхъал уæм. Бирæ цыдæр хъуамæ сахуыр кæнæм æмæ бирæ цæуылдæр хъуамæ ахъуыды кæнæм. Мæхимæ исын бæрн ацы сæфттыл», – райхъусын кодта Сунак.
Эгзитполтæм гæсгæйæ, «Консерваторты» 14 азон хицаудзинады фæстæ æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты фæуæлахиз ис «Лейбористон» парти. Лордты палатæйы 650-лæгджын сконды лейбористтæ 410 бынат бацахсдзысты. Бæстæйы премьер-министрæй та сæ лидер Ким Страмер суыдзæн.