Reuters – Æхсæнадæмон Валютон Фонд 2021 азы Гуырдзыстоны экономикæйы 4 процентджын рæзынады прогноз дæтты
Гуырдзыстоны Æхсæнадæмон Валютон Фонды минæвар Селим Чакыри «Ройтеримæ» ныхасы куыд дзуры, афтæмæй, зæгъгæ Æхсæнадæмон Валютон Фонд цæттæ у, пандемийы æмæ йæ фæстиуджытæн бафæразынæн Гуырдзыстонæн баххуыс уа 1,6 миллиард доллары мобилизацийы.
Ивгъуыд къуырийы Æхсæнадæмон Валютон Фонды мисси æххæстгæнæг советмæ баздæхтис рекомендацйæ, ома Гуырдзыстонæн 200 милуан доллары бæрц æххуыс рауæлдай кæной, кæцы æнæаргъæвгæ медицинон æмæ социалон-экономикон домæнтыл бахардз уыдзæн.
Селим Чакырийы дзырдæй, зæгъгæ уæлæмхасæй 215 милуан доллары рауæлдай кæнын, пълангонд у 2020 азы цыппæрæм кварталы æмæ фидæн азы апрелы дæр.
«Ройтерима» интервьюйы, Чакыри Гуырдзыстоны хицауадæй, экономикон шокъ фæрогдæр кæныны нысанæн цы мадзæлттæ райста, уый тыххæй раппæлыд.
«Хицауад бахъом ис финансты мобилизаци скæнын Æхсæнадæмон Валютон Фондæй æмæ æхсæнадæмон партнертæй, цæмæй сфинанс уа æнæнизхъахъхъæды æмæ экономикæйы домæнтæ æмæ сырæза а.х. æдасдзинады баз, уыцы цаутæн, кæд æмæ негативон тасы тыххæй, уæлæмхас мадзæлттæ райсын бахъæудзæн, уæд», – хъусын кæны Гуырдзыстоны Æхсæнадæмон Валютон Фонды къухдариуæггæнæг.