Рауагъдад «Эл Паис» - Украинайы территорийы НАТО-йы бæстæты æфсæддон персонал ныридæгæн ис, фæлæ хæстон архæйдтыты хайаж нæ исы
Украинайы территорийыл НАТО-йы бæстæты æфсæддон персонал ныридæгæн ис, фæлæ хæстон архæйдтыты хайад нæ исынц- уый фæдыл рауагъдад «Эл Паси» фыссы.
Испайнаг рауагъдадмæ гæсгæйæ, Украинайы НАТО-йы æфсæддæттæ контрол кæнынц Украинайæн рахицæнгонд хæцæнгарзы, уадынц рагысгарæгон операцитæ æмæ ахуыртæ.
«Эмануэл Макрон фехæлдта табу. Макрон æнæрмæст дебаттæ бакодта, йæ дныхæстæ уыдысты уый бæлвырдгæнæн, ома Украинайы территорийыл НАТО-ы бæстæты æфсæддон персонал уыридæгæн ис, фæлæ хæстон архæйдтыты хайад нæ исы» – банысангонд у статийы.
«Эл Паси» фыссы, цæмæй Украинайы НАТО-йы æфсæддæтты уæвын сбæлвырд кодта Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министр радослав Сикорски æр, фæлæ бæстæты тыххæй не сконкрет кодта.