«Ранинайы» уæлахиздзау Николоз Каджаиа Гуырдзыстоны номæй, Сабион Евроуынынадыл Гига Къухианидзейы зарæгимæ рацæудзæн – клипы премьерæ [видео]

Проект «Ранинайы»  уæлахиздзау Николоз Каджаиа  Гуырдзыстоны  номйæ   сабион  Евроуынынадыл Гига Къухианидзейы  зарæгимæ рацæудзæн. Специалонæй  конкурсантæн  зарæг  Гига Къухианидзе ныффыста  сæргондæй   «Рымбырд кæнæм худызмæлтæ» (lets count the smiles).

Зарæджы премьерæ  ацыд алæвæрд  «Ацы сабат-хуыцаубоны».  Зарæгимæ иумæ  кæсджытæ ма  федтой  видеозылд дæр, кæцыйыл куыста Фыццаг Каналы бал.  Алæвæрды  параллелонæй   видеойы æмæ  зарæгы  презентаци  Евроуынынады  официалон  сайтыл  дæр ацыд.

«Ранинайы» финалист æмæ уæлахиздзау  10 аздзыд  Нико Каджаиа  йæсабибонтæй уарзы  музыкæ æмæ ма  заргæ дæр кæны.   Æндæр æм ææндæр  азты  ахуыр кодта  вокалы  ахуыргæнæндæтты, сæ нымæцы  банысан кæнын хъæуы  «Вокалы академи».  Хайад иста  æндæр æмæ æндæр  телеуынынадон  шоуты æмæ концертты.

Радæй 19-æм Сабион Евроуынынад ацæудзæн паризы  19 декабры æмæ уым хайад исдзысты  19 бæстæ.  Традиционæй,  комкоммæ  трансляци  равдисдзæн  Æхсæнадон Уацхæссæг.

Гуырдзыстон, Сабион Евроуынынады  хайад исы 2007-æм азæй.

«Ранинайы» уæлахиздзау Николоз Каджаиа  Гуырдзыстоны номæй, Сабион