Анастасиа Васадзе  æмæ «Ранинайы»  хайадисджытæ  рацыдысты  Сабион Евроуынынады конкурсыл [видео]
Анастасиа Васадзе æмæ «Ранинайы» хайадисджытæ рацыдысты Сабион Евроуынынады конкурсыл [видео]

 

Сабион Евроуынынад 2023-ы  конкурсыл  Гуырдзсытоны минæвар  Анастасиа  Васадзе æмæ   «Ранинайы»  хайадисджытæ  Ото Базерашвили  æмæ Николоз  Харати   дæсæм  номырæй рацыдысты.

Анастасиа Васадзе  «Ранинайы» хайадисджытимæ иумæ  зарæг  «Over The Sky»  сыххæст кодта.

Евроуынынады  сценæйыл  ноджы  дыууæ   кафæг  Нита Джагъмаидзе  æмæ Барбаре  Каджаиа  рацыдысты.

Францы горæт  Ниццæйы  радæй  21-æм  Сабион  Евроуынынады  16 бæстæйы  минæвæрттæ  исынц  хайад.

Ацы азы Сабион  еврофестивал байгом кодта Испанийы минæвар  æмæ   Нидерландты  минæвар та йæ  сыхгæндзæн.

Сабион Евроуынынады конкурсыл  онлайн схъæлæскæнын  24  ноябры  23:00  сахатæй  ис гæнæн  Евроуынынады  официалон  веб-фарсыл    vote.Junioreurovision.tv .

Комкоммæ трансляцийы рæстæджы, схъæлæс кæнын  гæнæн ис æрмæст 20 минуты дæргъы, алы  конкурсон зарæг  куы сыххæст уыдзæн уый фæстæ. Гуырдзыстоны  минæваримæ иумæ,  дæ бон у  схъæлæс кæнай ноджы дыууæ конкурсантæн. Дæ хъæлæс сбæрæг кæндзæн  кæронбæттæн фæстиуæгы æрдæг, иннæ æрдæгы та  жюри  аскуыддзаг кæндзæн. Сеппæтæй  бæрзонддæр баллтæ  цы зарæг æрымбырд кæндзæн, уый цæудзæн нымад  уæлахиздзауыл.

Традиционæй  Сабион Евроуынынады комкоммæ трансляци  æххæст кæны Æхсæнадон Уацхæссæг.