Æхсæнадон Уацхæссæгы æвджиддар советы сæрдарæй æвзæрст æрцыд Васил Магълаперидзе
Æхсæнадон Уацхæссæгы æвджиддар советы абоны рабадтыл фылдæры хайæ хъæлæсæппæрстæй советы сæрдарæй Васил Магълаперидзе æвзæрст æрцыд, кæцы дыккаг æмгъуыдмæ, ноджы æртæ аз ахсдзæн бынат.
Советы аст уæнг Магълаперидзейы кандидатурæйы фарс рахæцыдысты, æртæ та йæ ныхмæ уыдысты. Æмбырдмæ æрбацыдысты советы 11 уæнджы дæр.
Васил Магълаперидзейæ дарддæр, æвджиддар советы сæрдары бынатмæ æндæр кандидат нæ уыд раразмæгонд.
Æвджиддар советы сæрдары æвзарынц æппæт уæнгты фылдæры хъæлæстæй æртæ азы æмгъуыдмæ. Васил Магълаперидзе Æхсæнадон Уацхæссæгы æвджиддар советы сæрдарæй фыццаг æмгъуыдмæ æвзæрст æрцыд 2022 азы 21 апрелы.