«Райанэары» нын сбæлвырд кодтой, цæмæй тахтыты ранывæзт нæ ивы – фыссы «Фейсбукы» Гуырдзыстоны аэропортты иугонды генералон директор Гиорги Чоговадзе, кæцы социалон хызагы ахæлиугонд информацийæн дæтты дзуапп, кæцымæ гæсгæ дæр, «Райанэары» тахтыты ранывæзты бæрæг ивдтытæ уыд.
«Зынаргъ хæлæрттæ, авиакомпани «Райанэары» сайтыл техникон аиппы тыххæй бæрæг æмгъуыдмæ æххæстæй нæ зындис авиарейсытæ Кутаисæй æмæ Тбилисæй, фæлæ ацы проблоемæ схафтой æмæ авиакомпани нын сбæлвырд кодта, цæмæй тахтыты ранывæзт ивд нæ цæуы» – фыссы Гиорги Чоговадзе «Фейсбукы».
Ирландиаг ныллæгбюджетон авиакомпани «Райанэар» гуырдзиаг базармæ цъус рæстæг размæ æрбахызт. Æмбæлон бадзырд цæугæ азы 21 аввгусты æрцыд бафыст. Фыццаг Этапыл, «Райанэар» Кутаисы Давит Агъмашенебелийы номыл аэропортæй Марселы æмæ Болонийы æрдæм къуырийы миæдæг фæйнæ дыууæ рейс сыххæст кæндзæн, æрмæст Тбилисы Шота Руставелийы номыл аэропортæй къуырийы мидæг цыппар рейсы арæхадæй тæхдзæн миланмæ. Комкоммæ авиарейсытæ Европæйы æрдæм 2019 азы 6 ноябрæй райдайдзæн. Афтæма, Миланы, Болонийы æмæ Марселæй дарддæр, фидæр азы «Райанэар» Гуырдзыстонæй Кьолнмæ дæр тæхдзæн.