«Райанэары» хъусын кæнынц, цæмæй тахтыты  ранывæзт  ивд нæ цæуы
«Райанэары» хъусын кæнынц, цæмæй тахтыты ранывæзт ивд нæ цæуы

«Райанэары»  нын сбæлвырд кодтой, цæмæй  тахтыты ранывæзт  нæ ивы –  фыссы  «Фейсбукы»   Гуырдзыстоны  аэропортты  иугонды  генералон  директор Гиорги Чоговадзе, кæцы  социалон хызагы ахæлиугонд информацийæн дæтты дзуапп, кæцымæ гæсгæ дæр, «Райанэары»  тахтыты  ранывæзты  бæрæг ивдтытæ  уыд.

«Зынаргъ  хæлæрттæ,   авиакомпани «Райанэары» сайтыл  техникон аиппы тыххæй  бæрæг  æмгъуыдмæ æххæстæй  нæ зындис  авиарейсытæ Кутаисæй  æмæ Тбилисæй,  фæлæ   ацы проблоемæ  схафтой  æмæ авиакомпани  нын сбæлвырд кодта, цæмæй тахтыты  ранывæзт  ивд нæ цæуы»  – фыссы Гиорги Чоговадзе  «Фейсбукы».

Ирландиаг  ныллæгбюджетон авиакомпани  «Райанэар»  гуырдзиаг базармæ  цъус рæстæг размæ  æрбахызт.  Æмбæлон   бадзырд  цæугæ азы 21 аввгусты  æрцыд бафыст.  Фыццаг Этапыл, «Райанэар»  Кутаисы  Давит Агъмашенебелийы  номыл  аэропортæй  Марселы æмæ  Болонийы æрдæм  къуырийы  миæдæг фæйнæ дыууæ рейс сыххæст кæндзæн, æрмæст Тбилисы  Шота Руставелийы  номыл  аэропортæй   къуырийы мидæг цыппар рейсы арæхадæй  тæхдзæн миланмæ.  Комкоммæ  авиарейсытæ  Европæйы  æрдæм 2019 азы 6 ноябрæй райдайдзæн.   Афтæма, Миланы, Болонийы æмæ  Марселæй   дарддæр, фидæр  азы  «Райанэар»  Гуырдзыстонæй Кьолнмæ дæр тæхдзæн.