Радка Бетчева - закъоны сæххæст ивдтытæ æвзæрын кæнынц позитивон закъондæттæн фæлгæт Æхсæнадон Телеуынынады рæзынадæн
Радка Бетчева - закъоны  сæххæст ивдтытæ æвзæрын кæнынц  позитивон    закъондæттæн фæлгæт Æхсæнадон  Телеуынынады  рæзынадæн

Европæйы  Телеуынынадты  цæдисы (EBU) минæвæрттæ,  хурыскæсæн Европæйы  бæстæтимæ  ахастыты  къухдариуæггæнæг   Радка Бетчева  æмæ  EBU-ы радиойы  къухдариуæггæнæг   Грахам Диксон  Фыццаг Къаналы  менеджментимæ æмæ  æвджиддар советы уæнгтимæ  фембæлдысты.

Европæйы телеуынынадты  цæдисы  хурсыскæсæн  Европæйы  бæстæтимæ  ахастыты  къухдариуæггæнæг   Радка Бетчева куыд банысан кодта афтæмæй,   Æхсæнадон Телеуынынады уагъд реформæтимæ базонгæ ис.

«Абон  фембæлдыстæм  Æхсæнадон Телеуынынады   менеджменты  æмæ æвджиддар советы  уæнгтимæ.   Базонгæ нын кодтой  уыцы ногдзинæдтæ,   кæцы   Æхсæнадорн Телеуынынады  сæххæст, æрбадæттой нын  информаци ног  алæвæрдты фæдыл.  МÆ хъуыдымæ гæсгæ  позитивон  фæзынд у уый, æмæ Æхсæнадон Телеынынады  фæдыл  закъоны  ивдтытæ  сбæлвырд сты.  Уымæй æцæгдæр фенцондæр уыдзæн хъуыддаг æмæ   ахъаззаг уыдзæн   Æхсæнадон Телеуынынадæн, цæмæй йын уа  хæрзхъæд  алæвæрдтæ, кæцытæ  дзыллæйы  алы  къордæн  сты  арызт.  Хъуыды кæнæм цæмæй  закъоны  сæххæст ивдтытæ æвзæрын кæнынц  позитивон    закъондæттæн фæлгæт Æхсæнадон  Телеуынынады  рæзынадæн. Фембæлдыстæм  æвджиддар советы уæнгтимæ. Бæрæг куыд у афтæмæй,   уыдонмæ ис  хъауджыдæргонд  ахаст,  хъауджы хъуыдытæ æмæ   æвджиддар советы  мидæг дæр хъауджы  позицитæ ис.  Сæйраг у уый, æмæ уыдон  алчидæр  йæ  фарс хæцынц  сеппæтæй  хузыдæр стандарттæн,  кæцы йæ  хъуыдыйы  дары  рухсдзыд  æмæ профессионалон  æхсæнадон медийы» – загхта Радка Бетчева.

Æхсæнадон Телеуынынад Европæйы   телеуынынадиы цæдисы  уæнг ссис  2005 азæй, активонæй  æскуыст кæны  организациимæ æмæ йæ уæнг  медиафæрæзтимæ.

Европæйы Телеуынынадты  Цæдисы минæвæртты визит абон райдыдта æмæ 24 апрелмæ аххæссдзæн.