Адæмон  змæлд  «Æвзæрстгæнджыты  Цæдисы»  инциативæйæ Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  бæстыхайы  цур  ацыд акций
Адæмон змæлд «Æвзæрстгæнджыты Цæдисы» инциативæйæ Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы бæстыхайы цур ацыд акций

Адæмон  змæлд  «Æвзæрстгæнджыты   цæдисы»  инциативæйæ  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  бæстыхайы  цур  ацыд акций.  Чысылнымæцон акцийы   хайадисджытæ   Къаналы  æвджиддар советы комплекткæныны  æгъдаумæ ивдтытæ  бахæссынц  домынц  æмæ   хъусын кæнынц,   цæмæй Æхсæнадон Телеуынынады æвджиддар совет, партион  нысанæй   комплектгнонд ма хъуамæ  цæуид.

«Æвджиддар совет у  фараст уæнгы  скондæй  æмæ совет  комплект цæуы  партиты,  адæмон барты сæрыл дзурæгы  æмæ Ачъарайы    Уæллагдæр Советы   бавдыстæй  -æртæ    кандидаты  сты  хицауады  партийæ,   æртæ оппозицион партитæй, дыууæ   адæмон хъахъхъæнæгы   бавдыстæй, иу  Ачъарайы Уæллагдæр Совтæй.   Абоны   акцийы   организацион къорд, нымайы  цæмæй  æвджиддар советы  скомплект кæныны   нырыккон   æгъдау – демокративон нæу» – райхъусын кодтой   акцийы  хайадисджытæ.

Афтæдæр сæ ныхæстæм  гæсгæ,   Æхсæнадæон Телеуынынад хъуамæ  æрыздæха  йæ  бардарæгмæ –   æхсæнадмæ.

Акцийы   хайадисджытæ  се ркуырдты æркæсынæн  абонæй,   10  боны  дæргъы,  æвджиддар советы  æмгъуыдагъоммæ  рабадт  снысан кæнын  домынц.