Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал  Европæйы Æхсæнадон Телеуынынадты Цæдисы регионалон академийы тренингтæн фысым кæны [фото]
Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал Европæйы Æхсæнадон Телеуынынадты Цæдисы регионалон академийы тренингтæн фысым кæны [фото]

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы æмæ  Европæйы  Телеуынынадты  Цæдис (EBU) иумæйаг  ææмгуытсады фæрцы,   уагъд цæуы  Гуырдзыстоны иугæндзонархайæг   регионалон   академиты  фæлгæтты  фыццаг тренинг –«Гоиг Мобайл» (Going Mobile).

Тренинг  уадзынц  «ВВС»-ы  журналисттæ. Курсы нысан у,  смартфоны  фæрцы  бæрзонд хъæды  видео айсыны  методты бацамонын, æнцон видео-монтаж саразын, афтæдæр куысты  процессы   хъæугæ аппликациты  (app) æмæ æндæр  мигæнæнты  бацахуыр кæнын.

«Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал фысым кæны европæйы  Телеуынынадты  Цæдисы  регионалон хабæн, кæцыйы фæлгæтты  уагъд æрцæудзæн  тренингтæ, сæрмагондæй  та  мобилон  журналисттæн, уымæн æмæ  21-æм æнусы  журналистттæ нæ кусынц æрмæст  камерæтæй,  мах ахызтыстæм  репортажты  мобилон телефонты фæрцы æрцæттæмæ. АБон фысым кæнæм сомихаг æмæ азербайджайнаг   коллегæтæн  æмæ  уый у   дывæрон  цыт, уымæн æмæ ацы  хаб лæууы Гуырдзыстоны. Фыццаг тренинг  райдыдта абон, ис нын  фæлтæрд журналисттæ «ВВС»-йæ.  Хъуыды кæнæм, тынг æнтыстджын уыдзæн  ацы  дыууæ бон  æнæ æрмæст  нæ  журналисттæн, фæлæ ма æрцæугæ   уазджытæн  дæр» – райхъусын кодта  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  генералон  директоры фыццаг  хæдивæг æмæ европæйы  Æхсæнадон  Телеуынынадты  Цæдисы   гендерон   фапрстаты къорды  къухдариуæггæнæг  Тинатин Бердзенишвили.

Тренингтæ  уагъд цæудзысты  репортертæн, продюссертæн  æмæ социалон  медийы   мекнеджертæн,  куыд Гуырдзыстонæй,  афтæ Азербайджанæй  æмæ  Сомихыстонæй.

Тренинг дыууæ боны  дæргъы  цæудзæн.