Путин æмæ Эрдогъаны фембæлды сæйраг æрвитæггæгтæ (видео)

Сирий, Египет æмæ Турк –  Владимир Путин  иу боны мидæг,  æртæ дæр бæстæмæ ныццыд.  Уæрæсейы Федерацийы  президент  архайы, алы амæлттæй  фæарфдæр кæна   Исламы  Дунейы  лидертимæ  дыууæфарсон   æмгуыстад.  Анкарайы  уагъд фембæлды  рæстæджы,  дыууæдæр бæстæйы   лидертæ кæрæдзимæ сæ хæлардзинад сбæлвырд кæнынæн,  Уæрæсе-Турчы æхсæн  рæзгæ туризмы  æмæ  уаргъты зилдухы  статистикæйы кой кодта. Путин æмæ Эрдогъаны фембæлды сæйраг темæ, уæддæр  уыдис Æввахс Скæсæны регион.