Прокуратурæ медиафæрæзтæ сусæг ныффыстыты тыххæй цы информаци ахæлиу кодтой уый фæдыл фæдагуырдмæ æрывнæлдта
Гуырдзыстоны прокуратурæйы медиафæрæзтæ сусæг ныффыстыты фæдыл цы информаци ахæлиу кодтой, уыдоныл фæдагуырд райдыдта. Информацийы хъусын кæны генералон прокуратурæ.
«Гуырдзыстоны прокуратурæйы райдыдта фæдашуырд медиафæрæзтæ сусæг ныффыстытыл цы информаци ахæлиу кодтой уый фæдыл, хицæн коммуникацийы сусæгдзинад халыны фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 158-æм статийы фыццаг æмæ дыккаг хайæ бæрæг фыдракæнды нысæнттимæ.
Хъуыддагыл фæдагуырды фæлгæтты, арызт уыдзæн алы хъæугæ фæдæвзарæн æмæ процессон мадзал.
Курæг стæм алкæмæй, кæмæдæриддæр, гæнæн ис, уа æвæрд æнæзаконон ныффыстытæ æмæ æрмæджытæ, фæдагуырдимæ æмкуыст кæнынмæ.
Уыимæ иумæ, уыцы медиафæрæзтæй, кæцытæм ис фæнысангонд æрмæджытæ, курæг стæм, ацыхатт уæддæр æмкуыст кæнæт фæдагуырдимæ æмæ нæм æрбадæттæт цы бæлвырдгæнæнтæ сæм ис уый æппæт.
Афтæма, алкæмæй курæг стæм, сæхи бауромæт сæрмагонд æмæ персоналон информаци æхсæнадонæй публикацйæ», – банысангонд у прокуратурæйы фидиуæны.