Мезвришвили Натиа сиды, цæмæй æвзæрстыты фæдыл прокуратурæмæ нæ ацæудзæн
Мезвришвили Натиа сиды, цæмæй æвзæрстыты фæдыл прокуратурæмæ нæ ацæудзæн

Мæнмæ прокуратурæйæ æрбадзырдтой, цæмæй Иванишвилийы бардзырдмæ гæсгæ, æвзарæнон фæлитойдзинады бамбæхсыны фæдыл фæдагуырд райдыдтам, уый тыххæй  уæм сидæм æмæ  сымах  фæмæнг кæнынын бæлвырдгæнæнтыл æмæ схемæтыл  дам дзурут, дзæбæх у фæмæнгкæныны  бæлвырдгæнæнтæ мæ  схемæтæ   уæ кæй фæтæрсын кодтой уый;   мах  та  заказгонд, Бæлвырдгæнæнты фальсифицир кæныны æмæ æвзæрстыты давыны нысанæй бахæсгонд фæдагуырдты нæ архайæм, – уый фæдыл социалон хызагы парти «Гахариа Гуырдзыстоны тыххæй» уæнг Мезвришвили Натиа фыссы.

«Æз уый ныридæгæн бирæ хæттыты загътон æмæ ма йæ ноджыдæр сфæлхатт кæндзынæн: мах официалон æгъдауæй бавдыстам дæсгай хъусынгæнинæгтæ (бæлвырдгæнæнтæй бæлвырдгонд), кæцытæ амонынц тыхми, тæссагдзинад æмæ коррупцимæ, цæмæй æвзæрстытæ фальсификацигонд æрцæуой. Кæд дзы искæцыйы фæдыл фæдагуырд нæ райдыдтат, дзургæ дæр куы  нæ ракодтат. Уымæ гæсгæ, куыддæр райдайат æцæг фæдагуырд (хицæнæй æмæ иу цауы нæ) ацы æцæг фыдракæндты фæдыл, кæцытæ мах сбæрæг кодтам, уæд мах, кæй зæгъын æй хъæуы, æрцæудзыстæм æмæ æрбахæсдзыстæм алцыдæр (кæд уыл нæ æууæндæм, уæддæр);

Ацы мæнг фæдагуырдмæ та цы хауы, кæд æмæ æнæ мæнæй уæ бон нæу (кæцы   цъус  худг дæр у, бæлвырдгæнæнтæ социалон хызæгты куы æппарынц, уæд), уæд зонут магистрат тæрхонгæнæджы фæндаг.

Афтæма, мæнгæй хъуыды кæнут, æмæ мæ бауромдзыстут. Æз сараздзынæн алцыппæт, цæмæй æвзæрстыты сайды хъуыддаг кæронмæ æрцæуа. Æз мæхæдæг æрбацæудзынæн æппæт партнертæм уæ кæронбæттæн делегитимацийы тыххæй. Æмæ уый фæстæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтимæ иумæ сыххæст кæндзыстæм прокуратурæйы, тæрхондоны, барадхъахъхъæнæг органты æмæ æнæхъæнæй юстицийы системæйы реформæ», – фыссы Мезвришвили Натиа.