Прокуратурæйы  куырдиаты бындурыл, а.х. фæлывдмигæнæгон  колл-центрты хъуыддагыл интерполы сырх циркулярæй агуырды  уæвæг фæсарæйнаг æмбæстагæн экстрадицион ахст стæрхон ис
Прокуратурæйы куырдиаты бындурыл, а.х. фæлывдмигæнæгон колл-центрты хъуыддагыл интерполы сырх циркулярæй агуырды уæвæг фæсарæйнаг æмбæстагæн экстрадицион ахст стæрхон ис

Гуырдзыстоны  прокуратурæйы  куырдиаты бындурыл, а.х  фæлывдмигæнæг  колл-центрты хъуыддагыл, Интерполы  сырх циркулярæй  агуырды  уæвæг æмбæстагæн  стæрхон ис  экстрадицион ахст, – уый фæдыл информаци  хъусын кæны Гуырдзыстоны прокуратурæ.

Уагдоны информацийæ,   Тбилис горæты  тæрхондон   сразы ис  прокуратурæйы   куырдиатимæ æмæ  а.х.  фæлывдмигæнæгон колл-центрты  хъуыддагыл  Германийы Федерацион  Республикæйы  агуырды  уæвæг уæнгæн, Гуырдзыстоны  территорийыл ахст Албаны æмбæстагæн  æртæмæййон   экстрадацион   ахст стæрхон кодта.

«Фæнысангонд  гоймаг, организацигонд  фыдгæнæгон  къорды сæххæст  бирæ эпизодджын  фæлывдмдзинады   æмæ æхца ссурс кæныны  факттыл   фæдагуырды  фæлгæтты  уыдис агуырдмæ лæвæрд.

Фыдгæнæгон  куысты   фæстиуæгæн  Германийы Федерацион Республикйы æрмæст Баварийы  зæххы территорийыл цæрæг  идентифициргонд  зианбавзарджыты  нымæц  1000-æй  хизы, æрмст зианы бæрц  та 42 милуан евройæ фылдæр у.

Гуырдзыстоны прокуратурæ, æрцахстуæвæг гоймагы Германийы Федерацион  Республикæмæ  экстрадицийы  нысанæн, æмбæлгæ  барадон   процедурæтæ  ауадздзæн», –  банысангонд у  прокуратурæйы информацийы.