Поты фидтæнты фидæн аппараты стъигъындзинады архайды рæстæджы, иу гоймагы адзалы фактыл МХМ хæлиу кæны фидиуæн
Поты    фидтæнты  фидæн аппараты   стъигъындзинады  архайды рæстæджы, иу гоймагы  адзалы  фактыл  МХМ  хæлиу кæны  фидиуæн

Мидхъуыддæгты министрады  информацийæ,   Поты    фидтæнты  фидæн аппараты   стъигъындзинады  архайды рæстæджы,    æнæбæрæг  уæнг   барадхъахъъæнæгмæ  балæбуртта   æмæ  йын къуымых мигæнæнæй йæ  сæр ныццавдта.

Уагдоны   ахæлиугонд фидиуæны  куыд у  банысангонд афтæмæй,    полициаг бырсæгæн ныхкъурды  нысанæй,    йæ кусæн æхсæнгарзæй   фехста  æмæ   æрцахсинаг  уæнгы фæцæф кодта.

Фæцæфуæвæг   рынчындонмæ баласыны  фæстæ   æрбамард.

«Цæугæ  азы  23  июлы,   боныцъæхыл,   Поты,  кусæн æххæстбартæ  сæххæст кæныны   рæстæджы,   барадхъахъъхæнаг, Нино Жваниайы  уынгыл   уæвæг     халсары  магазины  цур лæууæг фидтæнты  аппараты  басæттыны  архайды   фактыл  рацахстой  æнæбæрæг  уæнгы.

Полициаг  бахъавыд  йæ  æрцахсын, кæцы рæстæджы  дæр,  ныры онг æнæбæрæг уæнг,  барадхъахъæнæгмæ  баздæх  æмæ  йын къуымых мигæнæнæй йæ  сæр ныццавдта. Полициаг  бырсæгæн ныхкъурды  нысанæй,    йæ кусæн æхсæнгарзæй   фехста  æмæ   æрцахсинаг  уæнгы фæцæф кодта. Фæцæфуæвæг   рынчындонмæ баласыны  фæстæ   æрбамард»,- дзырдæуы  МХМ-ы  ахæлиугонд   фидиуæны.

Уагдоны  хъусинагæй,   кæрныхдзинады  архайды   фактыл  фæдæвзарæн уадзы   Гуырдзыстоны   мидхъуыддæгты министрад  Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады  кодексы  19-177   статийы   1-аг хайæ,  æрмæст кусæн  æххæстбарты сæрты ахизыны  фактыл, Мегрелиа-Уæллаг Сванеты    бæстæйон    прокуратурæйы  фæдæвзарын   цæуы  Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады  кодексы  333-æм статийы  3-аг   хайы «Б» дæлпунктæй.