Польшæйы парламентон æвзæрстытæ цæуынц. Польшæйы хицаугæнæг «Рæсдзинады æмæ Барады» парти æртыккæгæм хатт баархайдзæн æвзæрстыты фæуæлахиз уын.
Польшæйы оппозици бæлвырд кæны, цæмæй хицаугæнæг партийы æвзæрстыты уæлаиздзинад бæстæйæн Евроцæдисæй рахицæны фæндагыл слæууын кæндзæн.
Польшæйы æвзарæнон фадгуытæ бынæттон рæстæгæй сæумæрайсомы 07:00 сазаты байгом сты æмæ изæры 21:00 сахатыл æрыхгæндзысты.
Полльшæйы æмбæстæгтæ сывзардзысты Сеймы 460 уæнгы æмæ Сенаты 100 уæнгы.
Æхсæнадон хъуыдыйы рафарстмæ гæсгæйæ, хицаугæнæг «Рæстдзинады æмæ барады» парти фæуæлахиз уыдзæн,ф æлæ гæнæн ис фылдæры хайæ ма уа.
Уый æддæмæ ма æвзæрстгæнджытæ сдзуапп кæндзысты референдумы фарстытæн – Пенсион кары, паддзахадон исады приватизацийы, евроцæдисы æндæр бæстæтæй æнæлегалолн мигрантты райсты æмæ Белорусимæ арæн сфидар кæныны фæдыл.