Politico – Æрфарстмæ гæсгæ, америкæгтæн сæ фылдæр нæ уырны, цæмæй Дональд Трамп райсдзæн зондджын уынаффæ Уæрæсе-Украинаг хæсты фæдыл
«Pew Research Center-ы, æрфарстмæ гæсгæ, америкæгтæн сæ фылдæр нæ уырны, цæмæй Трамп зондджын уынаффæ райсдзæн Уæрæсе æмæ Украинайы æхсæн хæсты фæдыл» – фыссы Политико.
Публикацийы куыд банысангонд у, афтæмæй æрфарст АИШ-ы æмæ Уæрæсейы президентты фембæлды агъоммæ сырæзт æмæ йæ фæстиуджытæ равдыстой, цæмæй америкæгтæн сæ фылдæр дызæрдыг кæнынц, Трампæн Уæрæсе-Украинаг хæсты фæдыл раст уынаффæ райсын йæ бон кæй у, ууыл.
Респонденттæй 60%-мæ æввахс загътой, зæгъгæ, «æгæр ныфсджын не сты» кæнæ «æппындæр нæ ныфсджын сты», Трампæн йæ бон кæй у райсын «зондджын уынаффæ» Европæйы тугкалæндæр конфликты фæдыл. Уыцы иу рæстæг америкæгтæ æмхуызон дихгонд уыдысты фарстыл, хæсджын у æви нæ АИШ Украинæйæн баххуыс кæнын йæ хъахъхъæнынады.
АИШ-ы президент Дональд Трамп æмæ Уæрæсейы президент Владимир Путины фембæлд абон Анкориджы, Аляскæйы, бынæттон рæстæгæй 11:00 сахатыл сырæздзæн.