Полициæгты æрдгæй кусæн æххæстбарты тыхмийон гæнæн сæрты ахизыны фактыл райдыдта фæдагуырд
Полициæгты æрдгæй кусæн æххæстбарты сæрты тыхмидзинадæй гæнæн ахизыны фактыл райдыдта фæдæвзарæн.
Уый фæдыл банысангонд у прокуратурæйы ахæлиугонд фидиуæны.
«2017 азы 24 деакбры, сахар Тбилисы прокуратурæйы фæдагурæг хайы, райдыдта фæдагуырд Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады хицæн кусджыты æрдыгй, æмбæстаг З.Р.-йы ныхмæ кусæн æххæстбарты æнхъæлцау тыхмидзинадæй сæртыахизыны фактыл.
Ацы рæстæгмæ уагъд цæуы алы æнæмæнгхъæугæ фæдæвзарæг æмæ процессон мадзал, кæцыты фæстиуджыты фæдыл информаци лæвæрд цæудзæн дзыллæмæ» – банысангонд у фидиуæны. Фæдæвзарæн цæуы, Звиад Ратианийы рдгæй барадхъахъхъæнджытæм бавдыст аххосагмæ гæсгæ. Ратиани, барадхъахъæнджыты аххосджын кæны физикъон тыхмийы. Йæ ныхæстм гæсг, барадхъахъæнджытæ йæ æрцахстой курткъæйы хызуы тыххæй. Поэты ныхæстæм гæсгæ, уыйы полициæгтæ фыднад скодтой.
МХМ-ы хæдивæг Натиа Мезвришвилийы ныхæстæм гæсгæ, Звиад Ратианийы, барадхъахъæнджытæ баурæдтой полицион колнтролы фæлгæтты.