Петро Порошенко - Схъæлæс кодтон уыцы уникалон балæн, кæцы ныхкъуырд ратдзæн Уæрæсейы реваншæн æмæ Украинайы размæ ракæндзæн
Схъæлæс кодтон уыцы уникалон балæн, кæцы ныхкъуырд ратдзæн Уæрæсейы реваншæн æмæ Украинайы размæ ракæндзæн – уый фæдыл Украинайы раздæры президент Петро Порошенко æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытыл схъæлæс кæныны фæстæ райхъусын кодта.
«Ысхъæлæс кодтон Евроцæдисæн, НАТО-йæн, Европаг æмæ Евро-атлантикъон Украинайæн. Украинайæн, кæцы тырны размæ. Евроцæдис æмæ НАТО алкæцы украинаг æмбæстагæн стыр, сабырдзинады, æнтысты æмæ фарны гарантортæ. АБон тынг нысаниуæгджын у, цæмæй нæхимæ æруадзæм уыцы къурс, кæцыйæ цыдыстæм фæстаг фондз азы мидæг. Бахъахъъхæнæм паддзахаддзинады фундамент æмæ дзуапп скæнæм Уæрæсейы реваншен, ма раттæм Уæрæсейæн фадат, ныппырх кæной нæ æмбисонды паддзахад» – райхъусын кодта Петро Порошенко.
Украинайы абон æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ цæуынц. Æвзæрстыты хайад исынц 22 патийы, кæцыты партион номхыгъдты 2 747 кандидат ис. Иумандатджын мажоритарон бæстæты æдæппæт 3 083 кандидат æппары хал. Уыдонæй æрдæг бархийæ исынц хайад æвзæрстыты.
Развæлгъау прогнозæйфарстæм æрсидты Радамæ бацæудзысты фондз партийæ. Фаворит Украинайы президенты Владимир Зеленскийы партий «Слуга Народу» у, дыккаг бынатыл та, ис Виктор Медведчукы «Оппозицион платформæ царæдн», кæцыйæн æвзæрстгæнджыты 12 процент хæцы йæ фарс. Радамæ афтæдæр бацæудзысты Украинайы раздæры президленты Петро Порошенкойы партий «Европаг Солидарондзинад», Юлия Тимошенкойы «Батькивщина» æмæ рокмузыкант Святослав Вакарчукы «Голос».
Радайы æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты развæлгъау фæстиуджытæ изæры фæбæрæг уыдзысты. Эгзитполты фæстиуджытæ бæрæг суыдзысты 21 июлы изæр.
Фарастæм æрсидты Радайы фыццаг рабадт 9 сентябры онг хъуамæ сырæза.
Украинайы цæугæ æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстыты, Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы исæг къорд срухс кæндзæн.