Пентагон Сирийы уæвæг партнер бæстæты тыхты 65 000 æфсæддоны сифтонг кæнын хъавы
Пентагон Сирийы  уæвæг партнер бæстæты  тыхты  65 000  æфсæддоны сифтонг кæнын  хъавы

Пентагон Сирийы  уæвæг партнер бæстæты  тыхты  65 000  æфсæддоны сифтонг кæнын  хъавы –  уый  фæдыл  дзырдæуы  АИШ-ы  2019 фискалон азы  закъонопроекты.

Закъонопроект  сбæлвырд кæнынмæ æрвыст æрцыд  Конгрессмæ.

АИШ-ы  хахъхъæнынады   уагдон  300  милуан доллары  домы  æмæ  сæраг  æфсонæй  æрхаста  Исламы паддзахадæй цы фæхонынц  уыйимæ тох кæнын.

Туркаг  агентад   Anadolu –ы информацийæ,   АИШ-ы  партнер  тыхты  арабаг  хайадтимæ иумæ  курдæгты  æфсæддон иугондтæ   сты нымадмæ ист.

Закъонопроектмæ  гæсгæйæ,  æфтауцæй 250 милуан  доллар хъæуы,   Сирийы  арæйнон   æдадсзинады  срæвдз кæнынæн.

Пентагоны планмæ  гæсæйæ,  30 000 æфсæддон баст уыдзысты  хæцæн  мисситы, 35 000  та  мидæг æдасдзинады  тыхты  сконды уыдзысты.   АИШ-ы æрдгæй  курдаг æфсæддон  къордтæн æххуыс та,   Вашингтон æмæ Анкарайы æхсæн сæйраг  æнæразыдзинады  фарст у.