Пентагоны хъусинагæй, Гуырдзыстонæн «Джавелинты»  танкъы ныхмæ системæты аразыны ног  контракт бафыстæуыд
Пентагоны хъусинагæй, Гуырдзыстонæн «Джавелинты» танкъы ныхмæ системæты аразыны ног контракт бафыстæуыд

Пентагон партнер  бæмтæтæн ,  уый  нымæцы  Гуырдзыстон  æмæ  Украинайæн «Джавелины»  танкъы  ныхмæ  системæты  аразыны  фæдыл ног  контракт  бафыста.  Æмбæлгæ  информаци публикацигонд у  АИШ-ы  хъахъъхæнынады  департаменты  веб-фарсыл.

Пентагоны хъусинагæй.  Зæгъгæ контракты  æмтгæйон аргъ, 18 милуан долларæй  ахызт.  Рактон  системæты  аразыны закъаз, Пентагон ратта  компаниæн  Raytheon/Lockheed Martin Javelin JV.  Куыстытæ  Аризонайы   штаты  горæт Тусоны  сыххæст уыдзысты.

«Джавелинты»  ног  парти, нысангонд у АИШ-ы  партнер бæстæтæн, сæрмагондæй  та Гуырдзыстонæн,  Украинайæн, Чехийæн, Лиетувæйæн, Ирландийæн, Норвегийæн, Францæн, Туркæн,  Австралийæн, Индонезийæн, Ног Зеландийæн,  Катарæн, Оманæн, Иордани æмæ  Арабты  Иугонд Эмираттæн.

Куыстыты  кæройнаг этапы æмгъуыдæй  фæбæрæг ис  2020  азы  25  июн.

«Джавелинты» танкъы ныхмæ  системæты  фыццаг партий  Гуырдзыстон,  АИШ-æй   2018  азы   январы райста.