Пентагон – АИШ-ы  хъахъъхæнынады  нымæрдар Гуырдзыстон æмæ Украинамæ  визиты рæстæджы бахахх кæндзæн, цæмæй  уыдонæн НАТО-ы  дуар гом у
Пентагон – АИШ-ы хъахъъхæнынады нымæрдар Гуырдзыстон æмæ Украинамæ визиты рæстæджы бахахх кæндзæн, цæмæй уыдонæн НАТО-ы дуар гом у

АИШ-ы хъахъхъæнынады  нымæрдар Ллойд Остин  Гуырдзыстон  æмæ Украинамæ визиты рæстæджы  бахахх кæндзæн, цæмæй  ацы  бæстæтæн, НАТО-йы  дуар гом у  æмæ сæм  сиды, сыххæст кæной  æнæмæнгхъæугæ ивддзинæдтæ  уæнгсуæвынæн   хъæугæ  квалификаци райсынæн.  Уый фæдыл АИШ-ы  хъахъхъæнынады  уагдоны веб-фарсыл  ахæлиугонд  информацийы  мидæг дзырдæуы.

Пентагоны  хъусинагæй,  остин хъавы, раргом кæна ацы дыууæ бæстæйæн æххуыс, уыдон цы  нывонд  ракодтой ацы æрдгæй  афтæмæй.

«Нысаниугджын у, банысан уа, цæмæй Гуырдзыстон Афгъанистаны  хъæддых  фарсхæцыны миссийы, иу удгоймагыл  контрибуцийæ  лидер  кæй  æмæ ацы  миссийы рæстæджы  йын  бирæ æфсæддон фæхъуыд»  –  дзырдæуы  информацийы, кæцыйы мидæг афтæдæр банысангонд у, цæмæй «АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдары  Европæмæ визиты нысан у, бауырнын кæна æмцæдисонты æмæ партнерты, цæмæй  уырыссаг агрессийы  уавæрты  сæ  суверенитетмæ  Америкæ  иузæрдыг у».

Уыимæ иумæ ма,  Пентагоны дзурынц, цæмæй Ллойд Остин Гуырдзыстон, Украина æмæ Румынийы  лидертæн  Сау денджызы  æдасдзинады æмæ æртæ бæстæйы æхсæн  æмгуыстады  стынг кæныныл  фæныхас кæндзæн.  Министртæ æркæсдзысты  НАТО-ы  2030-ы  боны фæтк, афтæма, Уæрæсейы  æмæ Китайæ  цæугæ тасыл.

Ллойд Остин  афтæдæр  фембæлдзæн  Америкаг  Контингентимæ.  АИШ-ы  хъахъхъæнынады  нымæрдар  Гуырдзыстонмæ  сом æрцæудзæн.