Пентагоны  хъусын кæнынц, цæмæй сæм нæй  информаци Уæрæсейы тактикон атомон хæцæнгарз æфсæнвæндаджы фæрцы  аласыны  фæдыл
Пентагоны хъусын кæнынц, цæмæй сæм нæй информаци Уæрæсейы тактикон атомон хæцæнгарз æфсæнвæндаджы фæрцы аласыны фæдыл

Пентагонмæ нæй  информаци  уый фæдыл, ома  Уæрæсейæн йæ бон у, тактикон  атомон  хæцæнгарз  æфсæнвæндаджы  фæрцы аласа.  Информаци  агентады «Ройтер»  Пентагоны  бæрзонд гæсыл  æнцойæ хъусын кæны.

Украинайы  æмæ Уæрæсейы  фарстаты  хъахъхъæнынады нымæрдары  æххуысгæнæджы  хæдивæгы, Лора Куперы  фидиуæнæй,  Америкаг  æфсæддæттæ ахæм ницы  фæфиппайдтой, цæмæй Америкæ  сæрмагонд атомон   тыхты  æвæрд  фæива.

«Ис мæм  æрмæст  гом равзæрæнтæй  уæвæг информаци», – райхъусын кодта  Лора Купер.

Афтæма йæ  дзырдæй,  зæгъгæ Пентагон йæ хъус дары  Уæрæсейы атомон   тыхтæм.

Знон,  рауагъдад, «The Times» ахæлиу кодта  информаци,  ома  Уæрæсейы  президент, Владимир Путин   Украинайы  арæны æрдæм, «атомон поезд»  арвитыны бардзырд ратта.